Старший научный сотрудник отдела осетинского языкознания СОИГСИ, кандидат филологических наук Эльбрус Батрбекович Сатцаев в гостях у программы "Ахæм хабæрттæ" на канале "Осетия-Иристон".
Дыууæ азы æххæстæй нæма рацыд æппæтдунеон конференци «Иран æмæ Цæгат Кавказ: истори æмæ æмгуыстады фидæн», зæгъгæ, Дзæуджыхъæуы куы сарæзтой уымæй. Уæд кусæг къорды уæнгтæ ныхас кодтой экономикон, ахуырадон, культурон æмæ базарадон æмгуыстдзинадыл Уæрæсе æмæ Ираны `хсæн. Ныр та цæгатирыстойнаг ахуыргæндтæ æмæ экономисттæ сæхæдæг абалц кодтой Иранмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ куыстадон, стæй культурон бастдзинад дыууæ бæстæйы `хсæн фидардæр кæй кæны. Уæлдайдæр та, Цæгат Ирыстон куы райсæм, уæд. Ахуыргæндтæ йæ раджы сбæлвырд кодтой, дыууæ æвзагæн иумæйаг уидæгтæ кæй ис. Абон нæм уазæгуаты ис Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты хистæр зонадон кусæг, филологон наукæты кандидат Сатцаты Эльбрус.