«Осетинский акцент», 09.07.2015 13:38

Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты минæвæрттæ13-19 июнмæ уыдысты зонадон экспедицийы Турчы. Сæ балцы сæйраг нысан уыдис æппæтвæрсыгæй раиртасын XIX æнусы II-аг æмбисы уырдæм цы ирæттæ афтыд, уыдоны байзæддæгты æвзаджы миниуджытæ, адæмон сфæлдыстады хъæздыгдзинæдтæ, сæ цардыуаг æмæ культурæ.

Куыд зонæм афтæмæй, 1859, 1860, 1865 азты, стæй 1917 азы Октябры революцийы фæстæ Туркмæ æвæндонæй афтыд Ирыстоны хуыздæр мыггæгты минæвæрттæ. Се ’хсæн: Абысалтæ, Тугъантæ, Хъаныхъуатæ, Хъуыбадтæ, Есенатæ, Æлдадтатæ, Хъардантæ, Куындыхатæ, Хъуысатæ, Козыртæ, Цæлыккатæ, Гугкатæ, Таухъазахтæ, Хосонтæ, Тогъуызтæ, Бигъатæ, Габанатæ, Хаблиатæ, Хъæстуатæ, Сакъиатæ, Сидахъатæ, Милдзыхтæ æмæ бирææндæртæ. Адæмæн сæ иу хай фæмард фæндаджы хъизæмæрттæй, иуæй-иутæ та фæстæмæ ралыгъдысты сæрайгуырæн бæстæм.

Ныр Турчы цæрынц Абысалты, Куындыхаты, Хъуысаты, Æлбегаты, Цъæхилты, Пухаты, Хъаныхъуаты, Хъуыбадты, Хъамырзаты, Батайты, Тхостаты, Гæгулаты æмæ æндæр мыггæгты фæдонтæ.

Туркмæ экспедицийы ацæуыны фадат ЦИГСИИ наукон кусджытæн фæзынд филологон зонæдты кандидат, институты хистæр наукон кусæг Сокаты Дианæйы руаджы. Уый сси уырыссаг гуманитарон зонадон фонды (РГНФ) 2015 азы наукон проектты Сæйраг конкурсы уæлахиздзау.

Туркмæ ЦИГСИИ-йы кусджытæн ай уыд дыккаг экспедици. Фыццаг æххæстгонд æрцыд 2013 азы Чочиты Геуæргийы разамондæй. Уыцы экспедицийы хатдзæгтæм гæсгæ фыст æрцыдысты наукон публикацитæ, чингуытæ, уацхъуыдтæ.

2015 азы Туркмæ экспедицийы уæнгтæ систы: Хъаныхъуаты Зæлинæ – ЦИГСИИ сæргълæууæг, историон зонæдты доктор, профессор; Сокаты Дианæ (экспедицийы разамонæг, проекты автор) – хистæр наукон кусæг, филологон зонæдты кандидат; Мæрзойты Ислам-Бек – историон зонæдты доктор, институты хистæр наукон кусæг; Гуытъиаты Эльмирæ – ирон æвзагзонынады хайады наукон кусæг; Дзапарты Елизаветæ –филологон зонæдты кандидат, фольклор æмæ литературæйы хайады наукон кусæг; Бирæгъты Бэлæ –политикон зонæдты кандидат, социалон-политикон хайады наукон кусæг, Дауиаты Тамарæ æмæ Загъойты Элеонорæ – институты этнологион хайады наукон кусджытæ, Дзлиаты Дзерассæ – фольклор æмæлитературæйы хайады наукон кусæг.

 

Авд боны дæргъы ЦИГСИИ минæвæрттæ ’мбырд кодтой туркаг ирæтты цардыуаг æвдисæн хъæздыгæрмæджытæ: адæмон сфæлдыстад, музыкалон культурæ. Уымæй уæлдай сæ цæст дардтой социалон-экономикон æмæ социалон-политикон уагæвæрдмæ, иртасыдысты уым цæрæг ирæтты истори ивгъуыд заманæй абоны онг. Экспедицийы куыст цыди ирон адæмы байзæддæгтæ кæм цæрынц, уыцы горæтты æмæ хъæуты –Стамбулы, Анкарайы, Пойразлы, Боялык æмæ Карабаджакы – æртæ ’взагыл: ирон, англисаг æмæ туркаг. Фылдæр хатт та ирон æвзагыл. Турчы цæрæг ирæттæ тынг хорз дзурынц сæ мадæлон æвзагыл.

Фыццаг дыууæ боны институты минæвæрттæ сæ куыст кодтой, алы аз дæр Турчы цæрæг ирæттæн цы æмбырд скæны ирон националон-культурон хæрзаудæг æхсæнад «Алан Вакф» диссаджы рæсугъд цад Абанты доныбылыл, уым. «Алан Вакф» стыр бынат ахсы Турчы ирон национ æхсæнады. Ис йын культурон-хъахъхъæнынадон нысаниуæг. Æхсæнад арæзт æрцыд 1989 азы. Фыццаджыдæр, йæ нысан уыд ирон культурæ парахат кæнын, æрыгон фæлтæры ирон æвзагыл ахуыр кæнын. Алы рæстæг йæ сæргъы лæууыдысты Хъаныхъуаты Ремзи, Абысалты Кая. Йæ ныры разамонæг у Хъуысаты Садриддин. «Алан Вакф»-ы иузæрдион куыст хъуыстгонд у æрмæст Турчы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. Алы аз дæр Ирыстонæй Туркмæ хуындæрцæуынц нæ хуыздæр сфæлдыстадон къордтæ. Се ’хсæн Цæгат Ирыстоны Паддзахадон ансамбльтæ «Алан»æмæ «Хохаг», нæ адæмон зарджытæ туркаг ирæттæн чи бауарзын кодта, уыцы къорд «Къона»-йы фæсивæд. Уымæй уæлдай, Ирыстоны дæсныдæр фæндырдзæгъдджытæ сæ сæргъы Гæздæнты Булат сæ курдиатыл ахуыр кодтой Турчы цæрæг ирон фæсивæды.

Абанты Ирыстонæй æрцæуæг иртасджытæ аныгъуылдысты бæрæгбоны тæмæны: зарджытæ, хъазт æмæ æндæр алыхуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ. Уæлдай цымыдисаг уыд уазджытæн Хъуысаты Зæлиханы алдымбыды уынд. Ирыстоны, куыд зонæм афтæмæй, ахæм быдмæ нал арæхсынц. Туркаг ирæттæ ныр дæр æвдисынц сæфыдæлтæй баззайгæ арæхстдзинад бийынмæ, фæндырдзæгъдмæ. Зынгонд у Турчы йæ къухæй быд дзаумæттæйХъуысаты Назия, йæ фæндырдзæгъдæй Хъарабугъаты Эрден. Йæ фæндыры зæлтæ уазджытæн дæр рапарахат кодтой йæ хъæздыг курдиат. Хосонты Мутлуйы æмæ Хъуыбадты Айтегы зæрдæмæ арф исгæ зард таæвæлмастæй никæй ныууагъта.

Культурон программæйы уæлдай ма æрцæуджытæн Хъуысаты Хаири Ата бакаст лекци. Йæ сæйраг мидис баст уыд ирон адæмы историимæ, ирон адæм Туркаг бæстæм цæмæн афтыд, уыцы хабæртты тыххæй иуæй-иу цаутимæ.

Сæ радмæ гæсгæ ЦИГСИИ-йы минæвæрттæ балæвар кодтой «Алан Вакф»-ы æхсæнадæн ног рауагъд чингуытæирон истори æмæ культурæйы тыххæй, ирон национ культурæ ’вдисæг алыхуызон лæвæрттæ.

 

Институты сæргълæууæг Хъаныхъуаты Зæлинæ йæ раныхасы фæбæрæг кодта: «Нæ институты зонадон экспедици æрмæст йæ наукон æмæ культурон-рухстауæг куыстæй нæу ахсджиаг. Нæ куыстæн ма ис æндæр хæслæвæрд дæр. Ацы проектæн стыр нысаниуæг ис ма уымæй дæр, æмæ ныронг бæстон иртаст нæу анатолийаг ирæттæн сæ ивгъуыд æмæ абоны истори, культурæ. Уымæй уæлдай та туркмæ цы ирæттæ афтыд, уыдон стырæвæрæн бахастой, цæмæй сæ ирондзинад, сæ фыдæлты фарн абон дæр сæфт ма æрцæуа. Уыцы историонфæлтæрæн у актуалон бирæ æндæр адæмтæн æмæ паддзахадтæн, – баххах кодта Хъаныхъуаты Зæлинæ.Экспедицийы куысты хатцæгтæ хаст æрцæудзысты фундаменталон зонадон рауагъдмæ. Уыцы сæрмагонд чиныг фыст уыдзæн туркаг ирæтты истори æмæ культурæйы тыххæй. Рауагъд хъæздыг уыдзæн архивонæрмæджытæй æмæ фыст уыдзæн цыппар æвзагыл – ирон, уырыссаг, туркаг, англисаг, – бафтыдта ма йæныхасмæ Хъаныхъуаты Зæлинæ. Уыцы ныхæстæ æрæмбырд адæмæн балæвар кодтой уæлæмхасæнæхцондзинад.

Гуытъиаты Эльмирæ ’ппæт уазджыты номæй раарфæ кодта Абантмæ ’рцæуæг адæмæн, базонгæ сæ кодта экспедицийы уæнгтимæ. Йæ раныхасы экспедицийы разамонæг Сокаты Дианæ та бакаст Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты кусджытæ Турчы цæрæг ирæттæм цы зæрдиагæй арфæ рбарвыстой, уый. Стыр бузныджы ныхас загъта 2013 азы иртасæг экспедицийы сын тынг зæрдиагæй чи бахуыс кодтат, уыдонæн.

Абанты цады доныбылыл дыууæ боны дæргъы экспедици йæ куыст нæ урæдта. Интервью, индивидуалон ныхас информатортимæ, дзуапдæттинаг фарстаты сыфтимæ (анкетæтимæ) куыст æмæ аф.д.

Экспедицийæн лæвæрд æртыккаг бон зонадон институты минæвæрттæ адих сты æртæ къордыл. Стамбулы сæкуыст адарддæр кодтой Хъаныхъуаты Зæлинæ, Бирæгъты Бэлæ æмæ Дзапарты Елизаветæ; дыккаг къорд –Мæрзойты Ислам-Бек, Загъойты Элеонорæ æмæ Дауиаты Тамарæ – араст ис Турчы сæйраг горæт Анкарамæ. Æртыккаг къордæн – Сокаты Дианæйæн, Гуытъиаты Эльмирæйæн, Дзлиаты Дзерассæйæн – сæ балцы нысан уыд ирон хъæуты Пойразлы, Боялык, Карабаджакы туркаг ирæттимæ фембæлын. Йозгадмæхауæг хъæуты сæ тынг схорзæх кодтой Æлбегаты, Бадты, Болиаты, Бæдтиаты æмæ Чеджемты мыггæгты минæвæрттæ.

 

ЦИГСИИ-ы кусджытæн алкæмæн дæр уыдис йæхи сæйраг темæ. Хъаныхъуаты Зæлинæйæн цымыдисаг уыд бренд кæй хонынц, уыцы туркаг ирæтты царды этнокультурон фæзынд. Мæрзойы-фырт иртасыд туркаг ирæтты мыггæгты равзæрд, уымæй уæлдай, Хъуысаты Салладины руаджы йæ къухы бафтыдысты туркаг ирæтты уникалон къамтæ; Сокаты Дианæ ’мбырд кодта адæмон сфæлдыстад: æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ иннæ фольклорон жанртæ; Гуытъиаты Эльмирæ бæрæг кодта Туркаг ирæттæм Ирыстоны цæрæг ирæттимæ цы æвзаджы хицæндзиндтæ ис, уыдон; Дауиаты Тамарæйы сæйраг темæ баст уыд чызджыты скъæфт æмæ туг исыны æгъдæуттимæ, ирæд фидыны хабæрттимæ æмæ марды æгъдæуттимæ;Загъойты Элеонорæйы иртасæны куыст та – ирон бинонты фæткимæ æмæ чындзæхсæвы æгъдæуттимæ;Дзлиаты Дзерассæ уæлдай бауарзын кодта йæхи туркаг ирæттæн йæ диссаджы фæндырдзæгъдæй, йæуæлмонц кафтæй. Ацы хъуыддаджы Дзерассæ йæ иртасæн темæйæ дард нæ ацыд. Уый, куыд профессионалон композитор, æмбырд кодта ирон адæмон зарджытæ. Дзапарты Елизаветæ ахуыр кодта литературон бастдзинæдтæ Турчы æмæ Ирыстоны цæрæг ирæтты æхсæн, Бирæгъты Бэлæйæн йæ къухы бафтыд Туркмææфтыд ирæтты социалон-политикон портрет сныв кæнын.

2015 азы экспедици æххæстгонд æрцыд Турчы цæрæг ирæтты иузæрдион æххуысы руаджы. Ранымайæн ис бирæ нæмттæ. Афтæ, Болиаты Кенаны æххуысæй экспедицийы æрцæуджытæн фадат фæцис хъæуты Пойразлы, Боялык, Карабаджакы цæрæг ирон адæмимæ фембæлын. Хъуыбадты Айтег ЦИГСИИ-ы наукон архивæн балæвар кодта йæ фыды Хъуыбадты Темырболаты къухæйфыст сфæлдыстадон бынтæ. Тынг схъæздыг кодтой сæ мысинæгтæй наукон иртасджыты æрмæджытæ Хосонты Муазес æмæ 104-аздзыдХосонты Хадизæт. Цымыдисаг аргъæуттæ радзырдтой Бадты æртæ ’фсымæры Елхъан, Муамар æмæ Айхан,Æлбегаты Лейлæйы æмæ Сухейлæйы мад Назия æмæ уымæй бахастой се ’ххуысы хай институты архивы фольклорон æмæ этнографион фондты æрмæджытæ фæфылдæр кæнынмæ.

Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты наукон кусджытæстыр бузныг зæгъынц сæ экспедицийы рæстæджы сын æххуыс чи бакодта æмæ сæ куысты нысан кæронмæахæццæ кæнынмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдонæн: Хъуысаты Садриддинæн, Абысалты Каяйæн,Хъаныхъуаты Ремзийæн, Гочиты Бильгюнæн, Дзагкойты Айханæн, Нæхъуысаты Мелекæн, Мамсыраты Озканæн, Асаты Уфукæн, Цориты Иссайæн, Æлбегаты Лейлæйæн æмæ Сухейлæйæн, ХъамырзатыНильгюнæн, Хосонты Мутлуйæн æмæ иннæтæн.

Афтæмæй, авд боны дæргъы экспедицийы уæнгтæ базонгæ сты бирæ зæрдæхæлар адæмимæ, схъæздыг кодтой сæ индивидуалон иртасæг темæтæ цымыдисаг æрмæджытæй. Туркаг ирæтты уазæгуарзондзинад та сæзæрдæты ныууагъта арф фæд æмæ æнæссæугæ тæлмæн. 

Бирæгъты Бэлæ, политикон зонæдты кандидат, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæсоциалон иртасæнты институты социалон-политикон хайады наукон кусæг.

Дзапарты Елизаветæ, филологон зонæдты кандидат, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитаронæмæ социалон иртасæнты институты фольклор æмæ литературæйы хайады наукон кусæг.

 www.iron-akcent.ru