«Рӕстдзинад», №192 (23742) 2014 азы 18 октябрь

 

Конференция 240 азы размӕ Ирыстон Уӕрӕсеимӕ баиу
 
Знон Дзӕуджыхъӕуы Абайты Васойы номыл Социалон ӕмӕ гуманитарон иртасӕнты институты йӕ куыст райдыдта ӕппӕтуӕрӕсеон наукон конференци, Ирыстон Уӕрӕсеимӕ куы баиу, ууыл 240 азы сӕххӕсты фӕдыл.

Уымӕн стыр ахадындзинад ис, куыд политикон, афтӕ ӕхсӕнадон царды дӕр. Ирон адӕм талынг кӕмтты уӕззау цард ӕмӕ иудадзыг сыхӕгты ныббырстытӕй куынӕуал фӕрӕзтой, уӕд сӕ фидӕныл хъуыдыкӕнгӕйӕ равзӕрстой фӕрнджын ӕмӕ рухсмӕ амонӕг фӕндаг.

240 азы чысыл не сты. Уыцы рӕстӕг бирӕ ивдцзинӕдтӕ ӕрцыд Ирыстоны царды хорзӕрдӕм. Ӕмӕ ныр нӕ бон сӕрыстырӕй зӕгъын у, нӕ хъысмӕт Уӕрӕсеимӕ дарддӕр дӕр иу кӕй уыдзӕн. Ӕмбырды архайынц Дзӕуджыхъӕуы, Мӕскуыйы, Налцыччы, Грознайы, Махачкалайы, Черкесскы, Гуырдзыйы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны наукон ӕмӕ ахуырадон кусӕндӕтты ахуыргӕндтӕ.

Конференци арӕзт цӕуы Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнты наукон ахуыргӕндтӕ — кавказиртасджыты куыстӕн сӕ арӕнтӕ наукон тыгъдады уӕрӕхдӕр куыд кӕной, гуманитарон иртасӕн куысты ӕмвӕзад та бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ куыд хизы, уый нысанӕн.

Сӕйраг доклад дзы скодта, институты, наукон куыстыты директоры хӕдивӕг Айларты Светланӕ. Уый скодта, 1774 азы историон цауы къахдзӕфты райдайӕнӕй абоны политикон-ӕхсӕнадон уавӕры тыххӕй бӕстон хатдзӕгтӕ.

Ӕмбырды докладгӕнджытӕ бацӕттӕ кодтой истори, этнологи ӕмӕ филологийы темӕтыл цымыдисаг раныхӕстӕ.

Конференци цӕудзӕн дыууӕ боны.

САУТӔТЫ Тамилӕ