«Рӕстдзинад», №134 (23684) 2014 азы 30 июль
Ахуыргӕндты бастдзинӕдтӕ
Цӕгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл Гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты уыд видеоконференци Тбилисы И. Джавахишвилииы номыл паддзахадон университетимӕ, Нарты кадджытӕ гуырдзиаг ӕвзагыл кӕй рацыдысты, уый фӕдыл.
Кадджытӕ гуырдзиаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын уыд Тбилисы паддзахадон университеты профессор, филологон наукӕты доктор Беппиты Нӕирӕйы ӕмӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ахуыргӕндты иумӕйаг проект.
Беппиты Нӕирӕ у Хуссар Ирыстонӕй, Балтайы хъӕуӕй рацӕугӕ, каст фӕцис Хуссар Ирыстоны педагогон институт. Ныридӕгӕн ӕй хорз зонынц Ирыстоны ӕмӕ Гуырдзыстоны, куыд зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг. Нӕирӕ архайы дыууӕ адӕмы 'хсӕн хӕлар ахастдзинӕдтӕ сног кӕныныл, уыимӕ ахӕм иу- мӕйаг рауагъдон проекты фӕрцы дӕр.
Зӕгьӕм, 2010 азы Тбилисы рауагъдад "Универсали"-йы рацыд фыццаг "Гуырдзиаг-ирон ӕмӕ ирон-гуырдзиаг дзырдуат" (ис дзы 25 мин дзырды). Йӕ сӕйраг редактор уыд Беппиты Нӕирӕ, редактортӕ — Джусойты Нафи ӕмӕ Гуыриаты Тамерлан. Дзырдуатмӕ бахастой Абайты Васойы "Ирон ӕвзаджы грамматикон очерк" ӕмӕ А.И. Арабулийы "Гуырдзиаг грамматикӕйы очерк". Чиныг мыхуыргонд ӕрцыд Европӕйаг цӕдисы финансон ӕххуысӕй Иугонд Нациты Организацийы рӕзты программӕйы фӕлгӕты.
Цыппар азы рацыд ӕмӕ та Ирыстоны ӕмӕ Гуырдзыстоны ахуыргӕндты къухы бафтыд ног наукон ӕнтыстдзинад. Нарты кадджытӕ гуырдзиаг ӕвзагмэе ратӕлмац кодта Беппиты Нӕирӕ, сӕйраг редактор сын у Нино Попиашвили, редакцион коллегийы сты Джусойты Нафи, Зураб Кикнадзе, Гуыриаты Тамерлан, Цхуырбаты Мэри, Куымӕридтаты Разиат. Чиныджы лӕвӕрд сты сӕйраг циклтӕ: "Уастырджи", "Сӕуӕссӕ ӕмӕ Борӕ", "Уӕрхӕг ӕмӕ Уӕрхтӕнг", "Ӕхсар ӕмӕ Ӕхсӕртӕг", "Сатана ӕмӕ Уырызмӕг", "Ацӕмӕз ӕмӕ Агуындӕ", "Хӕмыц ӕмӕ Батрадз", "Сырдон", "Хицӕн кадджытӕ", "Нарты сӕфт", "Уӕларвон цӕрджытыл зарджытӕ".
Кадджытӕ фӕлгонцгонд сты Тугъанты Махарбеджы, Хохты Аслӕнджерийы, Бедойты Шалвайы, Джыккайты Мураты, Давит Попиашвилийы, Леван Силагадзейы ӕмӕ Пухаты Вадимы конд нывтӕй.
Чиныгӕн разныхас ныффыста Цӕгат Ирыстоны Гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты, ирон ӕвзагзонынады хайады сӕргълӕууӕг, филологон наукӕты доктор, профессор Гуыриаты Тамерлан. Тбилисы И. Джавахишвилийы номыл паддзахадон университетимӕ видеобастдзинады рӕстӕг Тамерлан ахуыргӕндтӕн арфӕ ракодта иронау ӕмӕ уырыссагау:
— Зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ! Абон махӕн у стыр бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ хорз куыст куы рацӕуы мыхуыры, уӕд уый кӕддӕриддӕр у бӕрӕгбон. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕппӕты фыццаг мӕн бузныг зӕгъын фӕнды зынгӕ ахуыргонд, профессор Беппиты Нӕирӕйӕн. Уый хъӕппӕрисӕй, стӕй уый тӕлмацгондӕй рацыдис мыхуыры Нарты кадджыты чиныг гуырдзиаг ӕвзагыл. Дӕ цӕрӕнбон бирӕ уӕд, Нӕирӕ! Ӕгайтма дӕм уыйбӕрц хъару разындис, ӕмӕ дын дарддӕр дӕр бирӕ бантысӕд!
Дунейы бирӕ ис эпикон уацмыстӕ. Уыдон сты дунеон культурӕйы хӕзнаты-хӕзнатӕ. Уацмыстӕй иутӕ сты хицӕн хъайтарты ӕмӕ се сгуыхтдзинӕдты тыххӕй,
иннӕтӕ дзурынц се сфӕлдисӕг адӕмы историон цаутыл. Ис ма, адӕмы историйы егъау хайыл чи дзуры, ахӕм эпостӕ дӕр. Уыдонмӕ хауынц ирон Нарты кадджытӕ.
Адӕмы дзыхӕйдзургӕ уацмыстӕ зындгонд сты ӕппӕт дунейы. Зӕгъӕм, дунеон культурӕ къахыр уаид ӕнӕ "Илиада" ӕмӕ "Одиссея". Дунеон ахадындзинад ис индийаг эпикон уацмыстӕ "Махабхарата" ӕмӕ "Рамаяна"-йӕн. Уый зӕгьӕн ис "Джангар", "Песнь о Роланде", "Сказание о короле Артуре", "Манас" ӕмӕ иннӕ эпостӕй дӕр.
Max хъуамӕ сӕрыстыр уаиккам, уыцы диссаджы уацмысты 'хсӕн кӕй ис Шота Руставелийы "Вэпхисткаосани" ("Стайы цармдарӕг") дӕр. Зӕгъдзынӕн уый, ӕмӕ ацы уацмыс ирон ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодтой цалдӕр фыссӕджы: Хозиты Яков, Плиты Харитон ӕмӕ Бестауты Георги. "Стайы цармдарӕг" чи бакаст, уый никуыуал ферох кӕндзӕн Тариелы, Автандилы, Нестан-Дареджаны сурӕттӕ.
Стыр ныхас макӕмӕ фӕкӕсӕд, фӕлӕ ирон адӕмы Нарты кадджытӕн сӕрмагонд бынат ис дунеон фолькпористикӕйы. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ мах эпосы уидӕгтӕ хӕццӕ кӕнынц скифты дугтӕм, иуӕй-иу сюжеттӕ та ноджы рагондӕр сты — хауынц ариаг ӕмӕ индоевропӕйаг рӕстӕджытӕм, суанг нӕ эрӕйы размӕ 14-ӕм ӕнусмӕ. Цас цаутӕ сӕ ӕрцыд ӕвдыст, кадджытӕ цы ивӕнты рацыдысты, ӕвӕд сӕфт дзы цас фӕкодта, уый ма уӕ цӕстытыл ауайын кӕнут! Фӕлӕ нӕ адӕмы фыдфӕлварӕнты фӕстӕ нӕртон кадджытӕй цы къабӕзтӕ баззад, уыдон дӕр фаг сты стыр дисы ӕфтауынӕн!
Бирӕ дзурӕн ис Нарты кадджыты тыххӕй. Мӕн сӕрмагондӕй зӕгъын фӕнды, ирон адӕмы Нарты кадджытӕ тӕлмацгонд кӕй ӕрцыдысты ӕндӕр ӕвзӕгтӕм, уый тыххӕй. Уӕлдай зындгонд сты Жорж Дюмезилы тӕлмац францаг ӕвзагмӕ, Бернард Мункачийы тӕлмац немыцаг ӕвзагмӕ, Уолтер Мэйы тӕлмац англисаг ӕвзагмӕ. Уыцы рӕнхъы Беппиты Нӕирӕйы тӕлмац куы ӕрлӕууид, уый мӕн тынг фӕнды. Зонын ӕй: Нӕирӕ дӕсны тӕлмацгӕнӕг у, бакастӕн ын йӕ куыстытӕй цалдӕр, ӕмӕ Нарты кадджыты тӕлмац дӕр иттӕг хорз конд кӕй у, уый гуырысхойаг макӕмӕн уӕд. Бузныг, дӕ куысты фыццаг хай ӕнтыстджынӕй кӕй ахицӕн кодтай, уый тыххӕй, мӕ зӕрдӕ дын зӕгъы ног уӕлахизтӕ! — загъта кӕронбӕттӕны Гуыриаты Тамерлан.
Цӕгат Ирыстоны Гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты хистӕр наукон кусӕг, филологон науктӕы кандидат Сокаты Дианӕ дӕр арфӕ ракодта гуырдзиаг ахуыргӕндтӕн: "Тынг ӕхсызгон у, Беппиты Нӕирӕйы фӕрцы сымахимӕ кӕй ныхас кӕнӕм, уый. Ӕхсызгон мын у, нӕ наукон ахастдзинӕдтӕ кӕй сног сты, уырны мӕ, фидардӕр ӕмӕ уӕрӕхдӕр кӕй кӕн- дзысты, уый. Уымӕн ӕмӕ Ирыстон ӕнгом бает у Гуырдзыстонимӕ, ӕнусты дӕргъы цӕрӕм иумӕ. Нарты кадджытӕ сты ирон фольклоры сыгьзӕрин хай, ӕмӕ стыр цины хъуыддаг у, Ирыстоны авд томӕй кӕй рацыдысты Хӕмыцаты Тамарӕ ӕмӕ Джыккайты Шамиль! фӕрцы. Ныр нӕ хӕс у, цы рауагътам, уыдон социокультурон ӕгъдауӕй баиу кӕнын.
Ныхасы бар райста Беппиты Нӕирӕ ӕмӕ загьта:
— Ацы чиныгӕн йӕ ахадындзинад ӕнӕкӕрон у. Хъыгагӕн, фӕстаг рӕстӕг нывыл не сты гуырдзиаг-ирон ахастдзинӕдтӕ, ногӕй хӕларӕй , цӕрын ахсджиаг у нӕ дыууӕтӕн дӕр. Уыцы хъуыддаджы хорз фӕрӕз у культурон-ахуырадон архайд.
Нарты кадджытӕ гуырдзиагау мыхуыргонд цӕуынц фыццаг хатт, уӕлдайдӕр академион рауагъдӕй. Кадцжытӕн радтам сӕ варианттӕ дӕр, цӕмӕй парахатӕй разына ирон эпосы хъӕздыгдзинад. Нысангонд сты кадӕггӕнджытӕ дӕр, чи сӕ ныффыста, уыдоны нӕмттӕ, кӕм фыст ӕрцыдысты, фыццаг хатт мыхуыргонд кӕд ӕрцыдысты, уыдӕттӕ. Уыцы зонӕнтӕ стыр ахъаз уыдзысты фольклор иртасджытӕн. Рауагъды лӕвӕрд ис наукон аппарат: цыбыр дзырдуат ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ. Хицӕнӕй зӕгъдзынӕн рауагъды фӕлгонцы тыххӕй: Нарты кадджытӕ аив сфӕлгонц кодтой ирон ӕмӕ гуырдзиаг нывгӕнджытӕ, ис дзы ссӕдз нывы бӕрц. Ирон адӕмы сфӕлдыст Нарты эпосы ис, дунейы адӕмтӕн, уӕлдайдӕр та Кавказы адӕмтӕн ахсджиаг чи у, ахӕм фӕзилӕнтӕ. Чиныг хъуамӕ бакӕсой фӕсивӕд, цӕмӕй зоной ӕмӕ аргъ кӕной, Нарты кадджыты ӕвӕрд идеалтӕн.
БИРӔГЪТЫ Бэлӕ