«Рœстдзинад», №110 (23660) 2014 азы 26 июнь

 Цӕгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон œмœ социалон иртасœнты институты сбœрӕг кодтой филологон наукœты доктор, профессор, Социалон œмœ педагогон наукӕты дунеон академийы œцœг уœнг, Уœлдӕр скъолайы дунеон академийы уœнг-уацхӕссӕг, УФ-йы наукӕйы сгуыхт архайœг, А.Чикобавœйы номыл дунеон премийы лауреат, Гӕдиаты Цомахъы ӕмӕ «Нарты фӕткъуы»-йы премитӕ райсœг, РЦИ-Аланийы Ахуыргӕндты ассоциацийы сӕрдар Гуыриаты Тамерланы 85 азы юбилей.

Гуыриаты Тамерлан райгуырд 1929 азы Мӕздӕджы районы Веселӕйы хъӕуы фӕллойгӕнӕг бинонты 'хсӕн. Бинонтӕ уыдысты 12, ӕмӕ дзы алчидӕр уыд исты куыстыл хӕст. Куыстахуыр сси Тамерлан дӕр. Уый йын уыд фидарбындур йӕ дарддӕры царды. 1939 азы бинонтӕ рапыгъдысты Дззеуджыхъӕумӕ. Астӕуккаг скъола каст фӕуыны фӕстӕ бацыд Хетӕгкаты Къостайы номыл пединституты фӕсарӕйнаг ӕвзӕгты факультеты англисаг ӕвзаджы хайадмӕ. Студент ма куы уыд, уӕд дӕр ацы факультеты куыста ахуыргӕнӕгӕй. Институт каст фӕуыны фӕстӕ сси фӕсарӕйнаг ӕвзӕгты кафедрӕйы ассистент. Уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр аныгьуылд наукӕйы, ирон филологийы. Фӕстӕдӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд Мӕскуыйы паддзахадон университеты иумӕйаг ӕмӕ абаргӕ ӕвзагзонынады кафедрӕйы аспирантурӕмӕ. 1955 азы бахъахъхъӕдта кандидаты диссертаци ӕмӕ кусын райдыдта нӕхи педагогон институты.

Гуыриаты Тамерлан уыд фӕсарӕйнаг ӕвзӕгты факультеты декан, проректор, историон-филологон факультеты декан. Уый ЮНЕСКО-йы Швецийы дунеон семинары Советон Цӕдисӕй уыд минӕвар, ЮНЕСКО-йы Манголы ахуырады департаменты эксперт. Ацы номхыгъд ис адарддӕргӕнӕн. Гуыриаты Тамерлан 1999 азӕй нырмӕ у Цӕгат Ирыстоны гуманитарон аемӕ социалон иртасӕнты институты ӕвзаджы хайады сӕргълӕууӕг.

Гуырийы-фырт стыр куыст бакодта ирон ӕвзаг ӕмӕ Нарты кадджытӕ иртасыны хъуыддаджы.

Уый тыххӕй дзырдтой йӕ юбилейы, ЦИПУ-йы прези дент Мӕхӕмӕтты Ахуырбег ӕй амыдта, афтӕмӕй. Юбилярӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодтой зындгонд фӕндырдзӕгъдӕг Гӕздӕнты Булат ӕмӕ зарӕггӕнӕг Дауыраты Эдуард. Булаты фӕндыры цагъдмӕ Эдуард акодта цалдӕр зарӕджы. Институты директор Хъаныхъуаты Зӕлинӕ куыд загьта, афтӕмӕй Гуыриаты Тамерлан ирон ӕвзаджы сӕраппонд бахӕццӕ Манголмӕ, Индимӕ. Уый у фундаменталон наукӕйы разагъды ахуыргӕндтӕй иу.

Мӕхӕмӕтты Ахуырбег куыд загъта, афтӕмӕй ЮНЕСКО-имӕ бастдзинад махӕн 1961 азы фыццаг скодта Гуыриаты Тамерлан. Уый у канд номдзыд ахуыр гонд нӕ, фӕлӕ публицист, фыссӕг, ӕхсӕнадон архайӕг.

Дзӕуджыхъӕуы Наукон центры сӕрдар Къусраты Анатоли куыд загьта, афтӕмӕй уый бахаста стыр бавӕрӕн Нарты кадджыты иртасынадмӕ, ирон ӕвзаджы ратӕдзӕнтӕ сахуыр кӕныны хъуыддагмӕ. Йӕ куыстытӕй пайда кӕнынц дунейы бирӕ бӕстӕты. Къусрайы-фырт Наукон центры Кады грамотӕ саккаг кодта юбилярӕн.

Ам уыдысты йӕ хӕлар ахуыргӕндтӕ, Цӕцӕны минӕвӕрттӕ дӕр. Уыдонӕй дӕр Тамерлан райста зӕрдиаг арфӕтӕ, зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Юбилярӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодтой нӕ республикӕйы Ветеранты советы сӕрдар Къаболаты Солтан, ЦИПУ-йы социалон куысты факультеты декан Хъесаты Ритӕ, РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министры хӕдивӕг Тотраты Владислав, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис.

ЦИПУ-йы проректор Хъамболты Тамерлан куыд загьта, афтӕмӕй ис ахӕм адӕймӕгтӕ, уый бӕрц хорздзинӕдтӕ скӕнынц сӕ адӕмӕн ӕмӕ сын сӕ мыггӕгтӕ зӕгъын дӕр нӕ фӕхъӕуы, нӕмттӕ зӕгъгӕйӕ дӕр сӕ базонынц адӕм. Ахӕм зонды лӕгтӕм хауы Гуыриаты Тамерлан дӕр.

 

Абайты Э.