logoИрыстоны кæронмæ фæхæццæ кæны æппæтдунеон зонадон конференци «Миллеры бакастытæ. Кавказ иртасыны хъуыддæгтæ». Архайынц дзы, кавказаг фарстатæ иртасынмæ бар чи дары, уыцы ахуыргæндтæ. Всеволод Миллер у зындгонд ахуыргонд. Ахадгæйыл нымад у йæ æртæтомон чиныг «Осетинские этюды». Этнограф æмæ æвзагиртасæджы руаджы Европæйы базыдтой, ирæттæ скифтæ æмæ аланты фæдонтæ кæй сты, уый. Цæй мидæг ма ис ахуыргонды зонадон куыстыты ахадындзинад æмæ конференцийы цавæр ахсджиаг фарстатыл цыди ныхас, уый тыххæй дзурæм «Йæ рæстæгыл».