Зындгонд ахуыргонд-æвзагиртасæг, филологон наукæты доктор, профессор æмæ æхсæнадон архайæг Гуыриаты Тамерланы рухс ном ссарыны кадæн Дзæуджыхъæуы ацæуæг дунеон наукон конференцийы архайджытæ — Цæгат Кавказы, Хъалмыхъхъ æмæ Украинæйы ахуыргæндтæ — æрныхас кодтой гуманитарон наукæты фарстытыл.
Наукон конференци "Гуырийы-фырты 4-æм бакастытæ" ацыд Уæрæсейы Наукæйы бон бæрæг кæныны фæткмæгæсгæ.
Докладгæнджытæ сæйраг æргом аздæхтой нырыккон æвзæгтæ, литературæ æмæ адæмон сфæлдыстад иртасыны фарстытæм.
— "Гуырийы-фырты бакастыты" фæрцы махæн ис æвæджиауы зондамонæджы рухс ном ссарыны æмæ кавказиртасæг специалистты архайд баиу кæныны фадат. Кавказы хъуыстгонд хъæбулы номарæн æмбырды æхсызгонæй архайын. Тамерланимæ нын уыд хæлар ахастдзинæдтæ. Гуырийы-фырт зæрдиагæй архайдта ирон-гуырдзиаг æмæ гуырдзиаг-ирон дзырдуат аразыны куысты. Уымæй уæлдай, ахуыргонд бацæттæ кодта Кавказы номæвæрды
къабазы фыццаг æмбырдгонд, — загъта филологон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Наукæты академийы Дагестаны Г. Цадасайы номыл æвзаджы, литературæ æмæ аивады институты сæйраг наукон кусæг Иса Абдуллаев.
Цæгат Ирыстон-Аланийы Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты директор, историон наукæты доктор, профессор Хъаныхъуаты Зæлинæйы ныхасмæ гæсгæ, Гуыриаты Тамерланы фæндыд æппæт дунейы скифты историйы, æвзаг æмæ сæ культурæйы фæдыл куыстыты авторты конгресс саразын. Ныртæккæ институт ацы хъуыды сæххæст кæнынæн фадæттæ агуры.
Газет «Рæстдзинад», 11.02.2021 аз