Ирон адæмы культурæйы хæзнадон хъæздыг у. Стыр æвæрæн æм бахастой алы дугты æмæ рæстæджы поэттæ æмæ фысджытæ. Æмæ сæдæгай азтæ се сфæлдыстадон бынтæ ирд стъалытау æрттивынц æмæ рæвдауынц бирæ фæлтæрты. Нæ адæмы литературон бынтæм куы æркæсæм, уæд дзы уæлдай бæрæг дары, æмбал кæмæн нæй, уыцы литературон цыртдзæвæн – нарты кадджытæ. Ацы дзырдбаст фехъусгæйæ, ирон адæймаджы дадзинты туг дæр æндæрхуызон æнхъæвзын райдайы. Ахуыргæндтæ сæ бирæ æнусты иртæстой. Фæлæ кадджыты мидис æмæ цы нысан хæссынц, уый афтæ арф æмæ æгæрон сты – æмæ ма абон дæр ахуыргæндтæ цымыдисагæй раиртасынц бирæ ногдзинæдтæ. Ирон адæмы æнусон хæзнайыл æмæ æндæр цымыдисаг фарстатыл абон аныхас кæндзыстæм хъуыстгонд ахуыргонд, УФ-йы наукæйы сгуыхт кусæг, историон наукæты доктор, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кадджын ректор, Хуссар Ирыстоны фыццаг президент – Цыбырты Людвигимæ.

Iryston.tv,  02.04.2018