Арæх нæ æрдз, æгъдау æмæ царды æууæлтыл дзургæйæ раппæлæм сæ рæсугъддзинадæй. Иннæрдæм та, ома, исчи æддагон уыцы аивдзинадыл дзура, афтæ арæх нæ рауайы. Уæлдай цымыдис уымæн у, фæсарæнты цæргæйæ, не ‘гъдау æмæ уаг, нæ адæмы чи бауарзта, ахæм адæмимæ аныхас кæнын. Америкæйы Иугонд Штаттæй нæм ахæм уазæг. Штат Ютæйы университеты бизнес-скъолайы экономикæйы профессор, студенттæй ивынады академион программæты директор Лайл Дуайт Израелсен. Йемæ ныхас кæнын та нын æххуыс кæндзæн Цæгат-Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты ирон æвзагзонынады хайады зонадон кусæг Гуытъиаты Эльмирæ.

Iryston.tv,  30.03.2018