Абон æппæт Уæрæсе бæрæг кæны Наукæйы бон! Ацы бон уæлдай тынгдæр æрхъуыды кæнæм наукæмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы хъуыстгонд ахуыргæндты. Специалисттæ æркæсынц зонадон куысты йæ фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдоны æрхъуыдыдзинæдтæм æмæ иртасæн куыстытæм. Куыд мæм кæсы, афтæмæй, абон 2018 азы 7-æм февраль, историйы баззайдзæн. Цæгат Ирыстоны Гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты фыццаг хатт арæзт æрцыдысты Гуыриаты Тамерланы номыл кæстытæ.

Iryston.tv,  08.02.2018