Вечерняя смена. Выпуск от 08.02.2022

Цæмæй сомбоны алыхуызон къабæзты не `мбæстæгты æнтыстдзинæдтыл æфта, ууыл абон кусын хъæуы. Алцæй рахæцæн та сты наукæ æмæ æнæниз рæзгæ фæлтæр. Цавæр фадæттæ ис кæстæртæн, цæмæй рæзой зондджын æмæ фидарæй. Ууыл аныхас кодтам нæ студийы уазджытимæ. Равдысты архайы Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты этнологийы хайады раззаг наукон кусæг, филологон наукæты доктор Сокаты Дианæ.