«Рœстдзинад», № 110 (23659) 2014 азы 26 июнь

Нӕ интервьютӕ

Тыхджындӕр, стырдӕр лӕмӕгьдӕры, къаддӕры куы фефхӕры, уӕд, цал стӕм, уалӕй сыстӕм, уый та куыд у, зӕгъгӕ.
Ныр афтӕмӕй дунеарӕзтмӕ куы акӕсӕм, уӕд ӕнцонӕй раиртасдзыстӕм, хъомысджындӕр, размӕцыддӕр бӕстӕтӕ фӕстӕзаддӕрты сӕ быны куыд ассӕндынц, сӕхи пайдайӕн сын сӕ ӕрдзон фӕрӕзтыл куыд ӕрхӕцынц, уыдӕттӕ. Ӕмӕ уыцы уавӕр абон нӕ сӕвзӕрд, истори ахӕм цӕвиттонтӕй арӕзт у, зӕгъӕн дӕр ис.
Ссӕдзӕм ӕнусы кӕрон йӕхиуыл схӕцыд ӕмӕ фидардӕр кӕны глобализацийы ныхмӕ змӕлд. Кӕд ӕмӕ кӕцыдӕр бӕстӕйы дунеон экономикой саммит скодтой, уӕд глобализацийы ныхмӕлӕуджытӕ сыстдзысты сӕ лозунгтимӕ, карзӕй сдзурдзысты. Глобализаци уӕддӕр хорз у, пайда у, ӕви зианхӕссӕг — уымӕн абон бӕлвырд дзуапп ссарӕн нӕй. Глобализацийы сӕйрагдӕр рахӕцӕн экономикӕимӕ бает у. Уыцы-иу рӕстӕг алыхуызон бӕстӕты цы стыр корпорацитӕ архайы, уыдон ног историон уавӕртӕй сӕхицӕн пайда кӕнынц.
Иннӕрдыгӕй, глобализаци у, ӕнӕрцӕугӕ кӕмӕн нӕ уыд, егъау тыгьдады хорзӕрдӕм ивддзинӕдтӕ чи бӕрӕг кӕны, хицӕн адӕймӕгты ӕмӕ ӕнӕхъӕн цивилизациты
бастдзинӕдтӕ фылдӕр ӕмӕ фидардӕр чи кӕны, ахӕм змӕлд. Ӕнӕмӕнг, хъуамӕ нын, куыд ӕппӕт дунейы иу чысыл хайӕн, зындгонд уа, уӕддӕр Ирыстонӕн уыцы егъау змӕлд цы дӕтты, ӕмӕ дзы нӕхи цӕмӕйты хъахъхъӕнӕм, уыдӕттӕ. Ацы ӕмӕ ӕндӕр фарстатыл газет "Рӕстдзинад"-ы уацхӕссӕг БУТАТЫ Эльзӕ ныхас кӕны Цӕгат Ирыстоны гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты хистӕр наукон кусӕг САТЦАТЫ Эльбрусимӕ.

—    Эльбрус, ацы егъау змӕлды тыххӕй куыд нӕ ис интернеты тыгъдады дзуаппытӕ ссарӕн. Фӕлӕ ахуыргондӕн йӕ ном йӕ уӕлӕ ис, ӕмӕ газеткӕсӕгӕн ӕппӕт фӕзилӕнтӕ, хӕрзтӕ, тӕссагдзинӕдтӕ бамбарын кӕнын хъӕуы хуымӕтӕг ӕвзагӕй, цы ран, цы зӕххыл цӕрӕм, уыимӕ бӕтгӕйӕ.
— Цард размӕ цӕуы, ӕмӕ знон адӕмты 'хсӕн цы ахастытӕ уыдис, уыдон абон хъуыдцӕгтӕ аразынӕн фаг нал сты. Кӕддӕр диссаг нӕ уыдис, бӕстӕтӕ, сӕ адӕмтӕ кӕрӕдзийӕ дард кӕй уыдысты, се 'хсӕн ӕппындӕр бастдзинӕдтӕ кӕй нӕ уыдис, уый. Ныр та дуне ӕндӕр у, ӕмӕ ӕнӕ хӕстӕг ахастдзинӕдтӕй нӕдӕр размӕ акъахдзӕф кӕндзынӕ, нӕдӕр дӕхиуыл схӕцдзынӕ. Фӕнда дӕ, ма дӕ фӕнда — хъуамӕ зонай иннӕ бӕстӕтӕ, сӕ адӕмты, сӕ гӕнӕнтӕ, сӕ экономикӕ. Уыдӕттӕм цӕттӕ куы нӕ уай, уӕд адӕмты, паддзахӕдты ӕмархайдӕй, ӕмгуыстадӕй ницы рауайдзӕн...

Глобализацийы хӕрзтӕй иу — ӕнӕ ацы змӕлдӕй нӕй рӕзӕн, размӕ цӕуӕн. Иннӕрдыгӕй, суанг сӕ нымӕц 20 милуанмӕ кӕмӕн хӕццӕ кӕны, уыцы адӕмтӕн дӕр тӕссаг у сӕ национ ӕууӕлтӕ, хӕдбындурдзинад фесафынӕй. Чи зоны, иу мин азы фӕстӕ ирӕттӕ дӕр стырдӕр адӕмты 'хсӕн атайдзысты, бӕрӕг ницӕмӕйуал дардзысты.

—    Ома, уымӕн ӕнӕ 'рцӕугӕ нӕй. Ӕмӕ уӕд хъуамӕ ӕнӕмӕтӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы бонмӕ, ӕви?
—  Егъау змӕлдӕн йӕ тых дӕр чысыл нӕу, фӕлӕ алы адӕмыхатты хӕс дӕр у, ӕппӕт гӕнӕнты, мадзӕлтты фӕрцы хи бахъахъхъӕнын, стыр уылӕны амӕттаг ма фӕуынӕн хъомысджын цӕлхдуртӕ сӕвӕрын. Мах, куыд адӕм, хъуамӕ равзарӕм, сбӕрӕг кӕнӕм нӕ хорздзинӕдтӕ, нӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон бахъахъхъӕныны бындурыл глобализацимӕ бахизын. Дзыллӕтӕ цы бауыдзысты, кӕцырдӕм аздӕхдзысты, цавӕр бӕрзӕндтӕм схиздзысты, уыдӕттӕ бает сты глобализаци и мӕ. Ӕмӕ мах дӕр ӕппӕт адӕмты змӕлдӕй фӕсте хъуамӕ ма баззайӕм.

—    Ома, хи национ бакаст, удысконд хъахъхъӕнгӕйӕ, размӕ цӕуын.
—    Егъау змӕлд фӕстӕзад адӕмтӕн стыр хорздзинадыл банымайгӕ у. Мах уыйас талынг ӕмӕ фӕстӕзад не стӕм, фӕлӕ нын иу ран лӕууӕн нӕй. Нымӕцӕй чысыл адӕмтӕ ис, ӕмӕ мӕ фӕнды Эстонийы тыххӕй зӕгъын. Сты иу милуаны бӕрц, бахъахъхъӕдтой се 'взаг, сӕ культурӕ ӕмӕ афтӕмӕй архайынц глобализацион змӕлды. Сӕ зондахастмӕ гӕсгӕ сты тынг кусаг, фидар фӕткыл хӕст, куыдфӕнды, цыфӕндыйы цӕстӕй ницӕмӕ акӕсдзысты. Ӕмӕ сын фесӕфынӕй тӕссаг нӕу.

Махӕн нӕ уавӕр ӕндӕрхуызон уыдис. Нӕ фӕндаг зындӕр ӕмӕ вазыгджындӕр рауад. Зӕгъӕм, Октябрь! революцийы рӕстӕг Прибаптикӕйы республикӕтӕй бирӕ фӕстӕзаддӕр уыдыстӕм. Фӕлӕ социализм аразыны азты ирон адӕм сӕхиуыл схӕцыдысты, фӕхӕстӕгдӕр стӕм нӕ ахуыргонддзинадмӕ, хъӕп- пӕрисмӕ гӕсгӕ иннӕтӕм. Сӕйрагдӕр та уый уыд, ӕмӕ ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ арӕзта паддзахад. Уый фӕндӕй, уый хӕрдзтӕй, уый разамындӕй... Адӕм фӕллой кодтой, куыстой сӕ райрӕзтыл. Ныр падцзахад йӕхи ӕппӕт ацы рахӕцӕнтӕй аиуварс кодта, ӕппындӕр ахастдзинӕдтӕ банывылыл нӕ архайы. Ӕмӕ нӕ бон нӕ къӕхтыл фидар слӕууын нӕу... Паддзахадон институттӕ дӕр сӕхӕдӕг ницы уыйас тыхджын сты, фаг нӕ ахадынц ӕхсӕнады уавӕрыл, фӕндфидарӕй йын йӕ размӕ хӕстӕ не 'вӕры.

— Нӕ бӕстӕ стыр у, ӕмхуызон замантӕ ӕвзарӕм, фӕлӕ регионтӕй иутӕн хорз ӕнтысы, ин- нӕтӕн — къаддӕр ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Алы регион дӕр хъуамӕ ссӕдз азмӕ, ӕппынфӕстаг, сбӕрӕг кодтаид, йӕ рӕ- быны цы ис, цы йын бантысдзӕн, цӕуыл аххӕсдзӕн, уыдӕттӕ.
— Нӕ фарсмӕ — Цӕцӕны республикӕ. Хӕсты тымыгъы ауадысты, дур сӕм дурыл нал баззад, нӕдӕр спе- циалисттӕ, нӕдӕр ахуыргӕндтӕ, уӕдӕ адӕм сӕхи хъуамӕ куыд ӕнкъардтаик- кой. Уал азы ӕрмӕстдӕр — хӕст, тугныккалд. Афтӕмӕй Рамзан Кадыровы бахъуыдис карз мадзӕлтты фӕрцы архайын, ног цард аразын. Кӕмдӕр ӕй бахъӕуы ӕнӕзакъон гӕнӕнтӕй пайда кӕнын. Ныр ма акӕсӕм Грознамӕ. Рӕсугъд, уый диссаг нӕу. Сыгъдӕгдзинад, адӕмы 'хсӕн уӕздан ахастытӕ. Нозтджын уынджы фенӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фынгтыл карз нозтӕн бынат нӕй. Сӕ бӕрнон лӕгтӕй иуы зӕрды дӕр не 'рлӕудзӕн карз нозтыл схӕцын. Се 'хсӕнад уыдӕттӕм у фидар, нӕ сын ныббыхсдзӕн.

Афтӕ зӕгьӕн нӕй, ӕмӕ Цӕцӕны республикӕ йӕхи информацион, нырыккон технологитыл, наукӕйы рӕзтыл атигъ кодта. Куыддӕридцӕр ӕмбӕлы, афтӕ алцӕмӕ дӕр сты къӕрцхъус. Фӕлӕ сӕ национ зондахаст, удысконд, сӕ фарны хӕзнатӕ нӕ ивынц, хъахъхъӕнынц сӕ ӕппӕт мадзӕлттӕй. Ӕмӕ уӕд се 'хсӕнадмӕ мӕнг хӕзнатӕн, хӕлддзинадӕн, ӕнӕгъдаудзинад, ӕнӕфсармдзинадӕн ӕрбахизӕн нӕй. Уыцы бырутӕ, уыцы цӕлхдуртӕ сӕ не 'рбауадздзысты. Ӕрмӕст уый у алы боны куыст. Уӕдӕ сӕ республикӕ адӕмӕн аккаг цардарӕзтыл кӕй архайы, уый дӕр у ӕргом.

Max хъуамӕ не 'ппӕт лӕмӕгъдзинӕдтӕ глобализацийы аххос ма кӕнӕм. Европӕйы кӕд ӕмӕ кӕм федтам фырхӕрд ӕмӕ фырнозтгӕнӕг адӕмты? Уыцы ран сӕ цӕуылнӕ бафӕзмӕм?! Нӕ мидцоппай ныр бирӕ азты бӕрӕг дары. Нӕ адмӕн йӕ 80 проценты ӕмбарынц, зын ӕмӕ вазыгджын фӕндагыл ацӕуын кӕй хъӕуы, уый. Фӕлӕ, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, уӕлӕнгай, ӕнӕгъдау зондахастыл хӕст чи у, уыцы 20 проценты разындысты тыхджындӕр. Уыдон ӕппӕтӕн систы ӕгъдауамонӕг.

— Эльбрус, ацы ран паддзахадон институттӕм цавӕр хӕстӕ хауы? Ӕхсӕнадон зондахаст алы рдӕм дӕр атасдзӕн. Нырма нӕ бон у уӕлӕнаддзахадон институттӕм цавӕр хӕстӕ хауы? Ӕхсӕнадон зондахаст алырдӕм дӕр атасдзӕн. Нырма нӕ бон у уӕлӕнгай ӕмӕ ӕцӕг, рӕстаг хъуыддаг раиртасын...
— Уыдоны хъуамӕ уой ӕппӕты размӕцыддӕр, арӕхстджындӕр адӕймӕгтӕ. Ӕвӕрд сыл ис стыр хӕстӕ. Хауы сӕм раст фӕндӕгтӕ сбӕрӕг кӕнын ирон адӕмӕн, рӕзты хъуыдцӕгтӕ фӕнысан кӕнын. Уӕд нӕ бон бауид хъуыддӕгты 'хсӕнӕй ӕппӕты растдӕр, пайдадӕр, ирон адӕмыл чи фидауы, цӕмӕ сарӕхсдзыстӕм, ахӕмтӕ равзарын. Афтӕмӕй глобализацийӕ дӕр нӕ фӕиппӕрд уаиккам, ӕмӕ нӕ удварны хӕзнатыл, ирӕттӕ ирӕттӕ цӕмӕй сты, уыдоныл фидар хӕцгӕйӕ, цӕриккам, змӕликкам иумӕйаг фӕндагыл.

Сусӕггаг нӕу, цыдӕр хъуыддӕгтӕ ныл фидаугӕ дӕр не скӕндзысты, арӕхсгӕ дӕр сӕм не скӕндзыстӕм. Фӕлӕ нын нӕ размӕ равзарыны аккаг нысантӕ куы рахӕссой, уӕд куыд нӕ равзардзыстӕм? Ӕппӕтӕн бӕзгӕ, иумӕ аразынмӕ кӕмӕ бавналӕм, ахӕм нысанты фӕрцы фӕфидар уаиккам.

Ӕнӕмӕнг, нӕ республикӕ у бирӕ алыхуызон фӕрӕзты, гӕнӕнты хицау: ӕрдзон хӕзнаты, адӕмы хъаруйы, хъомысы, ахуыргонддзинады. Экономикой, информацион, инновацион, культурой бастдзинӕдты, ӕмгуыстады фӕрцы нӕхи хъуамӕ базонын кӕнӕм, базмӕлӕм ӕмӕ уӕндонӕй бахизӕм дунеон ӕмӕхсӕнадмӕ.

Нӕ зондахасты, нӕ удысконды ис, нӕхи хъуамӕ цӕмӕйты ссӕрибар кӕнӕм, нӕ къух цӕуыл сисӕм, ахӕм миниуджытӕ. Ӕвӕдза, ӕнустӕ згъорынц, мах та ӕппӕрццӕг миниуджытӕ нӕ уадзӕм. Нӕ дуджы агъоммӕ VII ӕнусы, скифаг знӕмты цардарӕзтмӕ кӕсгӕйӕ, сӕ зондамонджытӕй иу — пехуымпар Заратустра бамбӕрста, куыд адӕм кӕй нӕ рӕзынц, къуырмауынгмӕ кӕй бахӕццӕ сты, уый. Уӕд дӕр скифаг бээллиццагдӕр хъуыддаг уыдис сӕ фос ныццӕгъдын ӕмӕ 15-гай, 20- гай бонтӕ куывдты бадын. Райсом цы уыдзӕн, цы 'рхӕсдзӕн, цӕмӕй йӕм сты цӕттӕ — ахӕм фарстатыл нӕ хъуыды кодтой. Ӕцӕгдӕр-иу, ӕнӕнхъӕлӕджы фыдбылыз ӕрцыд, кӕнӕ фыдбонтӕ ӕрлӕууыдысты, миты бын фесты, уадтымыгъ скодта, уӕд сӕ къух цӕмӕ бадардтаиккой, уый нӕ уыд. Сӕ рӕбынтӕ — афтид, цӕмӕй цӕрой, цы хӕрой, уый нӕй...

Заратустра сӕм фӕдзырдта, фӕсидт, цӕмӕй бӕрцӕй цӕрой, алцыдӕр бӕрцӕй кӕной, сӕ бон зоной. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ фӕцӕймардтой, махӕн, дам, не 'гъдау ахӕм у... Гӕнӕн нал уыдис, ӕмӕ сӕ Заратустра фӕлыгъд ӕмӕ фембӕлд ӕндӕр ирайнаг адӕмыл. Уыдон зӕххыл фидар хӕцыдысты, фыдӕбонгӕнгӕйӕ цардысты. Тынг ыл бацин кодтой, йӕ зонд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрддзинадмӕ, йӕ фендджындзинадмӕ бӕл- лыдысты. Ӕрхатыдысты йӕм, цӕмӕй суа сӕ разамонӕг, ӕмӕ сӕ размӕ рахона. Уыцы адӕмы фӕндыдис рӕзын, тырнындзинад сӕм уыдис. Ӕмӕ, истори куыд равдыста, афтӕмӕй Иран ссис хъомысджын паддзахад. Мах та кӕм стӕм? Цӕимӕ, цавӕр уаргъимӕ? Афтӕмӕй та уыцы заманты иу ӕвзагыл дзырдтам.

—    Глобализацимӕ нын афтид къухтимӕ цӕугӕ нӕу. Афтӕ?
—    Нӕ хӕссинаг хъуамӕ уа ахадгӕ, иннӕты 'хсӕн чи разына, бӕрӕг чи дара, ахӕм. Цы уӕлдай у, сӕр ӕмӕ бӕрзӕй цал сантиметры дӕлдӕр ӕвӕрд сты, уый?! Уый сӕйрагдӕр нӕу. Ис ӕгъдау — зианы дӕр, цины дӕр. Фӕлӕ сӕ ӕгӕр скӕнын — уый нысан у?

Хъуыддӕгтӕ ӕппӕт дӕр фынгимӕ цӕмӕн бӕттӕм? Мах абон хъуамӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты дзурӕм. Хистӕртӕ хъуамӕ ӕхсӕнадмӕ пайдайаг хъуыдытӕ, нысантӕ хӕссой. Уӕд сыл-иу кӕстӕртӕ схӕциккой.

Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕ 2-3 мин азы размӕ бамбӕрстой, цард экономикӕйыл кӕй ӕнцайы, уый. Цӕмӕй царды уавӕртӕ хуыздӕргӕнгӕ, удӕнцойдӕргӕнгӕ ивой, цӕмӕй ӕхсӕнад ӕмхуызонӕй змӕла, уый тыххӕй йӕ хъӕуы куыстыл бафтауын. Адӕймаг кусгӕ куы кӕна, йӕы кӕна, йӕ къухтӕй истытӕ куы араза, уӕд ӕй нуазынмӕ ӕмӕ хӕ- рынмӕ не 'вдӕлдзӕн. Афтӕмӕй дзуттӕгтӕн фӕллой кӕнын ссис сӕ сӕйраг хъуыддаг, сӕ царды бындур.

Мах стӕм глобализацийы змӕлды иу хай — куыд нӕ паддзахады, афтӕ дунейы мидӕг дӕр. Ирӕттӕ сӕ удыскондмӕ гӕсгӕ хъӕппӕрисджын сты. Ӕндӕр рӕттӕм фӕцӕугӕйӕ, равдисынц ӕнтыстдзинӕдтӕ, сӕ къухы бирӕтӕ бафты! Алы ирон лӕджы дӕр фӕнды йӕ гӕнӕнтӕй , йӕ хъарутӕй спайда кӕнын. Ам та йын хъӕугӕ фадӕттӕ нӕй, ӕмӕ уӕд йӕ ных ӕндӕр рӕттӕм саразы.

Ӕз дӕн ахуыргонд, скӕсӕны бӕстӕтӕ зонӕг, иртасӕг. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй Ирыстоны уыцы ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕной. Мӕн хуыдтой Канадӕмӕ, хъуыдис сӕ ахӕм специалист, бирӕ хӕрзтӕй мын зӕрдӕ ӕвӕрдтой. Ӕз та мӕхи мӕ райгуырӕн Ирыстонимӕ сбастон. Хъавыдтӕн ам СкӕсӕнЫ бӕстӕтӕ зонӕн институт байтом кӕнын. Мӕскуы дӕр ӕппӕт хъуыддӕгтыл не 'ххӕссы. Кӕм нӕ бахъыгдардтаид, ахӕм институт нӕм йӕхиуыл куы схӕцыдаид, уый. Фӕлӕ мын загьтой: "Мах уый ницӕмӕн хъӕуы, дӕлӕ Мӕскуыйы архайӕнт уыдӕттыл". Афтӕмӕй мӕ студенттӕ, цӕттӕ специалисттӕ, кусынмӕ фӕцыдысты Мӕскуымӕ.

Чиновник хъуамӕ стыр ӕхцатӕй, хи удӕнцойдзинӕдтӕй, Рублевкӕйы стыр хӕдзарӕй уӕлдай паддзахадон хъуыддӕгтыл хъуыды кӕна, архайа. Се стыр ӕхцатимӕ кӕдӕмфӕнды куы фӕлидзой, уӕддӕр ирон лӕджы зӕрдӕ кӕддӕриддӕр йӕ фыдӕлты зӕхмӕ фехсайы. Уыцы бастдзинад цы афон скусдзӕн, уый бӕрӕг нӕу. Абон уа, ӕви райсом, фӕлӕ дӕ Ирыстонмӕ здӕхын бахъӕудзӕн. Ӕмӕ цавӕр цӕсгомимӕ, цавӕр хъуыдытимӕ ӕрцӕудзынӕ?

Дзӕбӕх ахъуыды кӕн, нӕ гӕнӕнтӕ сбар, уӕд нӕ бон у глобализацийы фӕрныгадӕй спайда кӕнын, суанг разӕй уӕвын дӕр. Уыимӕ нӕ адӕмы нымӕц сӕйраг рахӕцӕн нӕу. Куы зӕгъын — уӕлӕ Эстонимӕ скӕсӕм. Уӕдӕ не 'взаг дӕр глобализацийы тыххӕй нӕ сӕфы. Сӕрӕвӕрӕны ирон ӕвзагӕн бынат не скодтам. Ӕх- сӕнады ирон ӕвзаг нымад уыдис ӕгадыл, къахӕй ӕнцондӕрӕй уый уыдис бакъуырӕн, фӕсдуар ӕнцонӕй ирон ӕвзаг ӕрӕвӕрдтам.

Ныры онг дӕр афтӕ у, Ирӕттӕм се 'взаг кӕсы аслам, ӕнӕпайда. Ирон ӕвзаджы фӕрцы исты исбон куы хӕцид ирон лӕджы фарсыл, уӕд ын ӕппӕты ахсджиагдӕр суаид. Иронӕн уый йӕ зӕрдӕйы ӕвзаг нӕу. Зӕр- дӕйы ӕвзаг нын нӕй зӕгъыны бӕсты, ахӕм у мӕ хатдзӕг — зӕрдӕ нын нӕй.

—    Искуы-иухатт мӕм, Эльбрус, афтӕ фӕкӕсы, цыма нӕм нырӕй дарддӕр нӕ фидӕн никуыма уыд.
—    Ссӕдз азы дӕргъы ӕрмӕстдӕр ныхас цӕуы фӕндтыл ӕмӕ, цы хъавынц, уыдӕттыл цӕуы ныхас. Иунӕг разамонӕг нырма бӕлвырд дзуапп нӕма радта, кӕм ис нӕ экономикӕ? Кӕцырдӕм змӕлӕм, кӕм ис нӕ продукци? 20 азмӕ нӕ бон уыдаид электрон цырӕгьты куыстад фӕстӕмӕ йӕ къӕхтыл слӕууын кӕнын. Дӕс туманӕй иу цырагъ не 'лхӕниккам. Ахъуыды кӕн, уӕд, 30-ӕм азты, ӕмӕ фӕсхӕст диссаджы рӕвдз ӕмӕ хъомысджын къахдзӕфтӕ акодтам. Ныр та гӕнӕнтӕ фылдӕр фесты ӕмӕ сӕ нӕхирдыгӕй фӕкӕныны, рӕвдз фӕлӕууыны бӕсты сӕм ӕнӕмӕтӕй кӕсӕм. Нӕ тох кӕнӕм, рӕстӕг та йе згъорд нӕ уадзы ӕмӕ уыцы гӕнӕнтӕ нӕ цурты аскъӕфы.

Цӕгат Кавказы ӕрмӕстдӕр махмӕ уыдис электрон цырӕгътӕ уадзӕн завод. Уыцы бӕстыхӕйтты, уыцы заводы бындурыл ног технологитӕм цырд цӕуылнӕ фӕлӕууыдыстӕм? Комкоммӕ глобализацийы фӕрцы нӕхӕдӕг февнӕлдтаиккам хъӕугӕ цырӕгътӕ уадзынмӕ. Цӕгат Кавказ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр регионтӕ дӕр агуырдтаиккой нӕ продукци. Цырӕгътӕ алкӕй дӕр хъӕуы. Базарад афтӕмӕй бацахсынц. Китайӕ ӕмӕ Ко- рейӕ специалисттӕ ӕрбахонын, сӕ технологитыл нӕ сахуыр кодтаиккой — уый дын глобализацийы гӕнӕнтӕ. Бирӕ адӕмӕн куыст фӕзындаид. Афтӕмӕй адӕмы, республикӕйы царды райдыдтаид ног истори — бинонтӕ ӕмуддӕр кӕнынц,' куыст — ӕппынӕдзух, фидар мызд, социалон удӕнцойдзинӕдтӕ, уыимӕ — бынтон ӕндӕр удыхӕзнатӕ. Ома, ӕхсӕнад уыдӕтты фӕрцы йӕ низтӕй фервӕздзӕн. Нозт, фырхӕрд, ӕгӕрон куывдтӕ, юбилейтӕ. Ӕнӕниз ӕхсӕнадӕн йӕ бакаст, йӕ равг, йӕ хъуыдыкӕнынад, йӕ тырнындзинад ницӕимӕ сӕмхӕццӕ уыдзысты.

Дысвӕлдӕхтӕй цы ӕхсӕнад кусы, уый мах ӕхсӕнадимӕ нӕ абардзынӕ. Ныр та уал нӕ раздӕры электрон цырӕгътӕуадзӕн заводы бынаты куы иу ресторан байтом кӕнынц, куы — иннӕ.

Ӕрӕджы Центрон телеуынынадӕй равдыстой, Калугӕйы облӕсты цы ивддзинӕдтӕ ӕрцыд, уый. Кӕд ӕмӕ йын 70 проценты бӕрц федералон центр дотацитӕ ӕрвыста, уӕд ныр йӕхӕдӕг йӕхи дары 90 процентӕн. 10-15 азмӕ байтом кодтой 70 заводы бӕрц, кӕд ӕмӕ хӕстӕ дарынц, уӕддӕр се 'фтиӕгтӕй уыдон дӕр фи- дынц, ног куыстадтӕ дӕр гом кӕнынц. Афтӕмӕй сӕм фӕсарӕйнаг инвестортӕ дӕр сарӕх сты. Уый фӕл- тӕрддзинад нӕу?!

Не стыр бӕстӕ йе 'ппӕт регионтыл йӕ арм дары. Ирыстонӕй дӕр йӕхи никуы атигъ кодта. Иунӕг хъуыддаджы дӕр.

Фӕлӕ ма нӕхи бафӕрсӕм, мах та бӕстӕйы иумӕйаг къӕбицмӕ фӕстӕмӕ цы адӕттӕм? Ау, ахӕм гӕнӕнтӕ нын нӕма ис? Ӕрмӕстдӕр паддзахадӕй ӕх- хуысмӕ, ӕхцамӕ ӕнхъӕл- мӕ кӕсын — уый раст у? Афтӕ сӕнӕбон стӕм?

Республикӕйы бон у барджын къахдзӕфтӕ акӕнын, йӕхи базонын кӕнын наукӕйы, куыстады, культурӕйы, спорты, цӕмӕй афтӕ зӕгъой: Цӕгат Ирыстонӕн ацы къабазы ӕмбал нӕй, иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ, алцыдӕр ӕмбӕлгӕ нырыккон ӕмвӕзады.

Ӕз, куыд Уӕрӕсейы гражданин, афтӕ сӕрыстыр дӕн мӕ бӕстӕйӕ, уарзын ӕй. Фӕлӕ ӕфсӕрмы кӕнын райдыдтон, нырмӕ иумӕйаг стыр хъуыдцӕгтӕм кӕй ницы хӕссӕм, бонтӕ ныл ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ кӕй цӕуынц, цӕттӕ ӕхцамӕ нӕ каст кӕй у, уымӕй. Глобализаци та нын алыхуызон фадӕттӕ уымӕн аразы, цӕмӕй Цӕгат Ирыстон дӕр бакуса хи продукцийыл, уадзын ӕй райдайӕм, не уӕнгтӕ аивазӕм, ӕмӕ ныл ралӕууа цард аразыны дуг. Глобализацийы змӕлдмӕ дардӕй кӕсӕн нӕй.


— Бузныг, Эльбрус!