Статья старшего научного сотрудника отдела этнологии СОИГСИ, кандидата исторических наук Л.К. Гостиевой о крупнейшем просветителе Осетии XIX века Аксо Колиеве (1822-1866) в республиканской газете «Рæстдзинад», №49, 2019

Алы адæмы историйы дæр ис, наци сæрыстыр кæмæй у, йæ фарны хъуыддæгтæй йæ адæмæн хæрзты чи бацыд, ахæмтæ. Уыдонæй ирон адæмæн у Колыты Аксо дæр. Райгуырд Ирыхъæуы 1822 азы.

1839 азы Аксо Дзæуджыхъæуы дины училищæйы фæстæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Тифлисы дины семинармæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1845 азы уæлдæр къæпхæнимæ. Уыцы аз Аксойы арвыстой Дзæуджыхъæуы Мады-Майрæмы аргъуанмæ сауджынæй. Йæ амæлæты бонмæ Колыйыфырт ацы ран Хуыцау æмæ адæмæн, сыгъдæгзæрдæйæ, лæггад кодта.

Ссæдз азы бæрц Аксо (йæ аргъуыды ном — Алыксы,) уыдис Дзæуджыхъæуы зылды дины лæг. Уый фæстæ протоиерейы цины нысангонд æрцыд Тифлисы аргъуанмæ. Колыты Аксо амард 1866 азы 44-аздзыдæй. Ныгæд æрцыд Ирон аргъуаны кæрты. Йæ уæлмæрды урс къæйыл ын йе ‘мдугонты фыст: «Æгас Ирыстон дæ бузныг у!», зæгъгæ, хæлд æрцыд советон рæстæджы. Йæ ингæн дæр бæрæг нал у.

Цæй тыххæй нымад уыди адæмы хуыздæрыл, цавæр сгуыхтдзинæдтæ равдыста йæ ирон адæмы хæрзæбонæн æмæ чырыстон динæн Колыйы-фырт?

Аксойы цард æмæ архайд кавказаг хæсты уæззау уавæрты уыдис. Ирон адæмæй пысылмон дин чи райста, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта. Фыд Алыксы (Аксо), куыд дины кусæг, афтæ зылдис ирон приходтыл, аргъуыдта, кастис Хуыцауы ныхас, аргъуанмæ æрбацæуæг адæммæ сидтис чырыстон динмæ фидар æмæ æнгом æрбалæууынмæ.

Алыксы уыдис уыцы заман Дзæуджыхъæуы æфсæддон зылды дины æмæ ирон приходты разамонæг архимандрит Иосифы æмархайæг, 1850-æм азты бацыд, фидар Дзæуджыхъæуы цы ирæттæ цардис, уыдоны цæугæдон Камбилеевкæйы районмæ цæрынмæ раивыны тохы. Уæд, 1852 азы, ирон адæмы нымæц фидары уыдис 883 адæймаджы. Ноябры, 1889 азы, дзæуджыхъæуккаг ирæттæ, Колыты Аксо сæ сæргъы, афтæмæй куырдиат арвыстой Гуырдзыйы экзарх архиепископ Исидормæ æмæ дзы куырдтой, цæмæй сæ ныууадзой сæхи Ирыхъæуы, фидæны сахары. Фыд Алыксы сарæзта ирон адæмæн уыцы куырдиат, æмæ ма йæ арвыстой кавказаг хаххы æфсæдты командыгæнæг инæларадъютант Евдокимовмæ дæр. Æрмæст цалдæр азы фæстæ, 1862 азы, Терчы облæсты æфсæдты командыгæнæг инæлар-лейтенант къниаз Святополк Мирский бар радта Ирыхъæуы дзæуджыхъæуккаг 50 бинонты ныууадзынæн.

Чырыстон диныл хæст ирæттæ Аксойы разамындæй райдыдтой уæд Ирыхъæуы рагон зæронд хъæдын аргъуан дурæй аразын. Уыцы хъуыддагæн алы хæдзарæй дæр æрæмбырд кодтой 20 сомы æмæ балхæдтой арæзтадон æрмæг. 1861 азы арæзтад кæронмæ фæцис Кавказы чырыстон дин сног кæныны æхсæнады æмархайдæй.

XIX æнусы астæу Алыксы бахауд, ирон пысылмæттæ æцæгæлон бæстæмæ лидзынвæнд куы скодтой, уыцы тохы. Цыма йе уæны уыдта йе ‘мзæххонты трагеди кæйдæр бæстæйы, афтæ архайдта сæ æнамонд фæндагæй сæ фæстæмæ раздахыны хъуыддагыл йæ тых, йæ бонæй. Фыста рапорттæ Гуырдзыйы архиепископмæ æмæ дзы куырдта уыцы акци ма ‘рауадзыны тыххæй æххуыс.

Аксо активонæй архайдта, Туркмæ алидзынмæ ирон адæмы чи амидин кодта, уыдоны ныхмæ. Æцæгæлон, æнæхæрд бæстæйы рæсугъд царды тыххæй сын сæ мæнг, фæлывд хъуыдытæ хурмæ калдта, уæлдай тынгдæр дзырдта инæлар-майор Куындыхаты Муссæйы ныхмæ. Уымæн æмæ ирон адæмы Туркмæ асайыны хъуыддагыл Муссæ бацархайдта. Алыксыйы активон архайдæй Ирыстонæй Туркмæ алидзæг адæмы нымæц уыдис бирæ къаддæр, уыцы заман идеологтæ куыд фæнд кодтой, уымæй.

Колыты Аксо æмæ Куындыхаты Муссæйы тох уыдис, фидæны Ирыстон цы фæндагыл ацыдаид, уыцы фарстайы фæдыл. Аксо бæллыд æмæ архайдта ирон адæмы уырыссаг культурæмæ æрбахæстæг кæныныл, Уæрæсеимæ иу фæндагыл ацæуыныл. Куындыхаты Муссæйы фæнд та уыдис ирон пысылмæтты фидæн султайнаг Туркимæ бабæттын.

Аксо стыр æвæрæн бахаста ирон адæмы ‘хсæн рухс тауыны, ахуырады, уырыссаг культурæмæ сæ æрбангом кæныны фæрнджын хъуыддæгтæм. Йе ‘ргом аздæхта скъолатæм, 1860 азы Цæгат Ирыстоны фæзынд дины скъолатæ авд. Хуыдтой сæ «Дины зылды скъолатæ». Аксойы цард æнгом баст канд дины куыстимæ нæ уыд, фæлæ ахуырадимæ дæр. 1845 азы райдыдта кусын инспекторæй, ирон грамматикæйы, истори æмæ катехизисы предметты ахуыргæнæгæй Дзæуджыхъæуы дины скъолайы. 1849 азæй 1858 азы онг та уыд уыцы училищейы хицау. Ахуырдзауты хъомыладæн не ‘вгъау кодта йæ тых, йæ хъару æмæ зонындзинæдтæ. Уыдис Ирыстоны сылгоймæгты ахуырадæн бындурæвæрæг дæр. Ирон аргъуаны байгом кодта иукъласон скъола ирон чызджытæн. Фыццаг дзы ахуыр кодтой 10 ахуырдзауы 8-11-аздзыдтæ. Ахуыргæнæгæй та дзы куыста Аксо йæхæдæг.

Абон Дзæуджыхъæуы Цæголы-фырты уынг кæм ис, уый раздæр Тарская хуынд, æмæ уым дæр Аксо байгом кодта скъола. Сцалцæг æй кодта æмæ дзы хъæугæ дзаума æрæвæрдта, сылгоймæгты ирон скъолайы хæрдзтæ иууылдæр Аксо йæхимæ райста: фыссæн стъолтæ (партæтæ), хъармгæнæнтæ æмæ иннæ хъуыддæгтæн йæхи фæрæзтæ хардз кодта, афтæмæй дардта скъола. Кавказы чырыстон дин сног кæныны фæдыл æхсæнад сылгоймæгты скъоламæ снысан кодта, æрмми кæныныл чи ахуыр кодта, ахæм ахуыргæнæджы дæр. Афтæмæй Колыты Аксойы скъолайы кад Ирыстоныл айхъуыст, æмæ ирон адæм зæрдиагæй ардæм ахуыр кæнынмæ сæ чызджыты æрвыстой. Фæстæдæр Хетæгкаты Къоста фыста, зæгъгæ, Колыйы-фырты скъолайы ахуыр кæнын кæй фæндыд, уыцы чызджытæн се ‘ппæтæн фадат нæ уыд, бынæттæ дзы кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ.

1850-æм азты кæрон Аксо райдыдта тæлмацы куыст дæр. 1860 азы бындур сæвæрдта æмæ разамынд лæвæрдта ирон æвзагмæ дины чингуытæ ратæлмац кæныны комитетæн. Уыцы комитеты уæнгтæ уыдысты: сауджын Сухиты Михал, диакъон Алæджыхъоты Алыксы, ахуыргæнджытæ Зыхъуаты Солæман, Цорæты Васили, Хъараты Георги æмæ Хъантемыраты Георги. Алкæмæн дæр дзы бæрæг уыдис йæ хæс, йæ архайд. 1861 азы Тифлисы рацыдысты Аксойы тæлмацтæ «Последование Св. Крещения и Миропомазания», «Перевод из Требника» чингуытæ. Цалдæр азы комитет куыста ирон æвзагмæ «Сыгъдæг Евангели» ратæлмац кæныныл. Фыд Алыксы (Аксо) сраст кодта дины амынддзинæдты тæлмац, æмæ 1864 азы Тифлисы мыхуыры рацыд ирон æвзагыл «Сыгъдæг Евангели». Протоиерей Колыты Аксо тæлмац кодта дины уацмыстæ æмдзæвгæйы хуызы дæр. «Хвалебная песнь Пресвятой Богородице» «Светлое Христово Воскресение» æмæ «Отче наш». Зындгонд ахуыргонд Æлборты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, Колыйыфырт уыдис уыцы заманты фыццаг ирон поэт, уымæй райдыдта ирон литературæ.

1905 азы Байаты Гаппо та Аксойы тыххæй фыста, зæгъгæ, уый уыдис ирон адæмы сæрхъуызой. Кавказы наместникы раз йе ‘мзæххонты сæрыл æмæ бартыл æдæрсгæйæ чи дзырдта, ахæм лæг. Æмæ ирон адæмæй Аксойы раныхас рох нæу. Ирон прозæйы бындурæвæрæг æмæ поэт Гæдиаты Секъа дæр Аксойы тыххæй афтæ фыста:

«Хорз зыдта æмæ æмбæрста йæ адæмы уавæртæ. Æхсæвæй-бонæй æнцой нæ ардта йæхицæн. Сæ уæззау цард сын фæрогдæр кæныныл йæ уд нывондæн хаста. Æнгом сæ кодта алы хъуыддаджы дæр. Архайдта, цæмæй Ирыстон бакъахдзæф кæна рæсугъд фидæнмæ, ууыл». Аксойы ном абон дæр рох нæу ирон адæмæй Цæгатæй Хуссармæ. Йæ ном ын хæссынц Дзæуджыхъæуы æмæ Цхинвалы уынгтæ, Хъæрæсе-Черкесты хъæу Георгиевскоейы. Аксойæн цыртдзæвæнтæ æвæрд æрцыд дыууæ Ирыстоны дæр. Йæ ном хæссынц Цхинвалы Аивæдты паддзахадон лицей æмæ Дзæуджыхъæуы чырыстон гимназ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны нысангонд æрцыдысты Колыты Аксойы номыл премитæ дæр.

2012 азæй фæстæмæ Дзæуджыхъæуы Аксойы цыртдзæвæны раз Владикавказаг æмæ Алайнаг епархийы алчертæ алы ног ахуыры азы райдайæны дæр скувынц Хуыцаумæ, Аксойы мæлæн бон та вæййы аргъуыд. Протоиерей Колыты Аксо уыдис дины кусæг æмæ ирон чырыстон царды хъысмæтмæ зынгæ æвæрæн бахаста. У фæлтæртæн сæрыстырдзинады дæнцæг, рæстдзинады сæраппонд, чырыстон дин, аргъуан æмæ хуымæтæг адæмы фарнæн йæ цард чи радта, ахæм лæг.

ГОСТИТЫ Ларисæ, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты хистæр наукон кусæг, историон наукæты кандидат

«Рæстдзинад», №49, 2019